Æцæгдзинад хъуамæ зонæм!

15 марта 2022 г.

Медицинон кусæджы дæсныйад чи равзары, уый, æнæмæнг, фембары йа цардвæндаг адæмæн лæггад кæнынима кæй бæтты, уый. Уыцы хъуыдымæ сæ ахуырдзауты здахынц Цæгат Кавказы медицинон колледжы. Ӕрæджы колледжы студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ сарæзтой, Укрæинæйы цы аута цæуы, уыдонимæ баст цымыдисаг, хæрзаудын акци. «Ацы бонты Уæрæсейы Гæрзинфтонг тыхтæ Укрæинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынц, уый æнæмæнг кæнга къуыдтаг уыд. Дызæрдыггаг нæу, бира æзты Донбассы æмæ Донецкы цæрджытæ æнцой нæ зыдтой экстремистты фыдракæндтæй. Махæн уый нæ фыдылтæй баззæд, зын рæстæг кæрæдзийыл фарсмæ æрбалæууын. Фыдыбæстай Стыр хæсты быдыры знагимæ чи тох кодта, уыдонæн абон махмæ ахуыр кæнынц сæ фæдонта. Уыдон хъуамæ зоной æцæгдзинад æмæ дзы раст хатдзæгтæ скæной», - ацы ныхæстæ загътæ медицинон колледжы директор Реуазты Таймураз, æмбырд гом кæнгæйæ.

-Донбассы цы стыр арт ссыгъди, уый басыгъта сабыр цæрджыты. Сæ кæстæрты цард бахъахъæнынæн адæм ныууагътой сæ исбон, сæ сæрæнбынæттæ, æмæ сфæнд кодтой æндæр рæттæм алидзын. Хæст стыр бæллæх у, уымæн æмæ дзы адæм сæфынц, - фæбæрæг кодта уый.

Рæвдздæр фæуæд ацы хæст, цæмæй нæ сыхаг паддзахадтимæ сабыр арвы бын кæрæдзи амбаргæйæ цæрæм. Ацы хъуыдытимæ баст акцийы архайджытæ бæцæтта кодтой плакаттæ æмæ сæ бæрзонд систой.

Нæ хæс у Донецк æмæ Луганскы цæрджыты фарсмæ балæууын. Цы бирæ сайд, æнæбындур æмæ дызæрдыг хъусынгæнинæгтæ ис, фейкитæ дæр сæ хонынц, уыдонмæ æргом здахы нæ хъæуы, Интернеты тыгъдады æнæбалвырд хабæрттæ фыссæн най, уый расайдзæн уголовон хъуыддаг æмæ йæ фæсивæд хъуама зоной.

Фидæны медицинон хотæ, фелсыртæ, лæборанттæ хорз æмбарынц, сæвзæргæ уавæры хи куыд дарын хъæуы, уый, сæ куырыхон хистæрты зондæй æнæрæдигæ уыдзысты.

Цымыдисæй байхъуыстой историйы ахуыргæнæг Бичилты Оледжы раныхасмæ: «Кæд æмæ куыдæй равзæрд Укрæинæйы паддзахад».

Базиаты Дианæ та фæсивæды базонгæ кодта дыууæ республикæйы æрдзон хъæздыгдзинæдтимæ, Луганск æмæ Донецкы арæнтимæ. Цæстуынгæ æрмæг фенæн уыд экраныл.

Уыцы бон колледжы студенттимæ фембæлд хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы сæргълæууæг Хъуысаты Амырхан.

Медицинон колледжы ахуырдзаутæ сæхи хъарутæй сæмбырд кодтой æмæ хæствæлллад адæмæн арвыстой гумæнитарон æххуыс.

Новости колледжа
Система дистанционного обучения ГБПОУ СОМК МЗ РСО-Алания